Фидæны диссаджы Уæрæсейы тырыса

Сæрибар æмæ сабырдзинады символ

Цы у уый?

Урс-æрвхуыз-урс тырыса — сæрибар Уæрæсейы символ. Ацы тырыса æрхъуыдыгонд уыд интернет-æхсæнадæй æмæ у уæрæсейаг æфсады Украинæмæ бабырсты ныхмæ чи сты, уыдоны æрымыст. Уайтагъд, фыццаг ской кæныны фæстæ иннæ боны фæсарæны уæрæсейæгтæ ныры, тугæй счъизигонд, тырысайы бæсты урс-арвхуыз-урс тырысаимæ сабыр митингтæм рацыдысты.

Ног тырыса нæ цæмæн хъæуы?

Уæрæсейы Федерацийы хицауад ныры урс-цъæх-сырх цы тырысайы пайда кæны, уый сси æнæхъæн дунейы туджы, хæсты æмæ агрессийы нысан. Махæн, Уæрæсейы æмбæстæгтæн, авторитарон уаг æмæ хæсты раз кæцытæ не ‘стæм, нæ бон уымæй пайда кæнын нæу.

Уæрæсейæгтæн нæ бæстæйы мидæг æнæ æфтиаг, æнцой, сæрибар, æнæниздзинад æмæ цардæн рискæй протестты хайад исын сæ бон нæу. Фæсарæны уæрæсейæгты хъæуы сæ антихæстон позици равдисын æмæ Путины режимимæ ассоциаци кæцы нæ расайыи, ахæм æхсæны тырысайы бын рацæуын. Украинæгтæм ис украинаг тырыса, белорусæгтæм ис УСУ, махмæ та ис урс-æрвхуыз-урс.

Цæмæн номхуындæй урс-æрвхуыз-урс?

Цалдæр æфсæнтæй.

  1. Ног тырыса у ныры уæрæсейаг тырысайы хуызæн, фæлæ æнæ сырх фæлтæр — хæст æмæ туджы символæй. Урсæй йæ баивтам, уымæн æмæ мах тырнæм Украинæимæ фидыдмæ æмæ нæ паддзахады гоймаджы бартæ æххæст кæнын домæм. Ног Уæрæсейы тырыса æргомæй хæстон арæнты ауæрæх нæ бакомы, фæсарæйнаг паддзахæдты территоритæм историон домæнтæ аппары. Ног Уæрæсейы хæдхæцæгад, милитаризм, тыхми æмæ туджы культæн бынат нæй. Мах гом кæнæм Уæрæсейы историйы нæуæг фарс — æнæ хæсты культæй.

  2. Урс-æрвхуыз-урс тырыса зæрдыл æфтауы Новгороды республикæй тырыса æмæ Стыр Новгороды нырыккон символикæ. Историон Новгород уыд Цæгат Уырысы центр æмæ Уæрæсейы историйы иунæг æцæг демократийы номмæ претензи хæссы.

  3. Урс-æрвхуыз-урс тырыса сæрибар Белорусы тырыса — урс-сырх-урсы хуызæн у. Белорусы адæмимæ, кæцы дæр æнæлегитимон хицауадимæ тох кæны, æмуд стæм.

  4. Æрвхуыз фæлтæр уыд 1991–1993 азты Уæрæсейы тырысайы, цалынмæ тар-цъæхæй йæ нæ баивтой.

  5. Урс хуыз нысан кæны сабырдзинад, сыгъдæгдзинад æмæ æмбаргæдзинад, æрвхуыз — æцæгдзинад æмæ рæстад.

  6. Ног тырыса — ивгъуыды символтыл нæ хæлгæ суинаг Уæрæсейы символ. Сæрибар Уæрæсейы тырыса империализм, милитаризм æмæ нæ бæстæйы авторитарон лидертимæ ассоциацитæй фервæзт у.

Æмæ ныр цы акæнон?

Пайда кæнут. Райсут нывтæ бынæй. Уæ соцхызты посттæ аразут. Уæ аватары сæ æвæрут. Уæ фотокъамтæ æмæ нывтæ нæм æрбарвитут, цæмæй нæ Facebook æмæ Instagram-ы публикацигонд æрцæуой. Нывкæнут æмæ мыхуыр кæнут плакаттæ. Тырысатæ уæхæдæг хуийут. Митингтæм семæ рацæут.

Твиттеры аватармæ тырыса бафтауын

Тырысаимæ аватартæн Телеграм-бот

Профилы УÆУ/УЦЪУ зæрдæтæ кæнæ зиллæччыты бавæрын

Ай æппæт чи æрхъуыды кодта?

Адæм. Ахæм тырыса бирæ адæмы сæрты æрбацыд æмæ хæсты ныхмæ змæлды символæн разæвæрд æрцыд. Тексты тæлмацимæ баххуыс кодтой УРС.

Номхуындæй, æрвхуызы/цъæхы цавæр фæлгъуыз у ам? Æмæ ма цавæр пропорцитæ, цæй ас?

Ацы фарстæн нырма дзуапп нæй. Ай у адæмон тырыса. Уæ тырысайы урс-æрвхуыз-урс хуыз базонын гæнæн куы ис, уæд уый фаг у. Рекомендаци кодтаин ныры тырысайы æрвхуызы/цъæхы бирæ рухсдæр фæлгъуызтæ æвзарын, 1991-1993 азты тырысамæ (#088CE8) хæстæгдæр, æмæ 1:2 хæстæг пропорцитæ.

Дæнцæн, AssezJeune рекомендаци кæны #0083d6 æрвхуыз æмæ 2:3 пропорцитæ.

Фæлæ алцыдæр у уæ цæстæнгасмæ гæсгæ.

Фæлæ Уæрæсейы тырыса мæ зæрдæмæ цæуы, æмæ ницы мæ фæнды ивын!

Омæ хорз, Хуымæтæгæй урс-æрвхуыз-урс тырысайæ пайда ма кæн. Кæнæ та хæсты ныхмæ змæлды нысанæн æй пайда кæн. Ай паддзахадон тырысайы проект нæу. Ай у адæмы баиу кæнынæн символ.

Дæнцæгтæ

¹ Тырысайы идейы тыххæй посттæ æмæ твиттæ:

  1. https://www.facebook.com/itsgonnabeokai/posts/10227954032741739

  2. https://twitter.com/Luckykirs/status/1497900572615315458

  3. https://twitter.com/ewglenah/status/1498607552057147393

  4. https://twitter.com/Alexeyprofi/status/1499110753403641865

  5. https://twitter.com/Inga_Kudracheva/status/1498607292870238209

  6. https://twitter.com/AssezJeune

  7. https://vk.com/wall-22262315_1665

  8. https://chudinovandrei.livejournal.com/2082894.html

  9. https://truvor.livejournal.com/2085.html

Кипры, Норвегийы, Канадæйы æмæ АИШ-ы митингтæй фотокъамтæ

Фæстæмæ баст